скончался Габуев Хазби
НАСТОЯЩИЙ МАТЕРИАЛ (ИНФОРМАЦИЯ) ПРОИЗВЕДЕН И РАСПРОСТРАНЕН ИНОСТРАННЫМ АГЕНТОМ ООО "МЕМО", ЛИБО КАСАЕТСЯ ДЕЯТЕЛЬНОСТИ ИНОСТРАННОГО АГЕНТА ООО "МЕМО".
не так давно на меня произвел очень сильное впечатление рассказ о своей жизни Гоги Бекоева, я писал об этом здесь. его взгляды на жизнь, на Осетию меня сильно задели, мне кажется людей, описывающих Осетию так искренне и так безжалостно одновременно, очень мало. кто не читал может сделать это здесь.
тогда, поводом к тому, чтобы написать об этом здесь стала, к сожалению, кончина Гоги Бекоева, это было в ноябре прошлого года. и как оказалось, совсем не намного его пережил его товарищ по борьбе и участию в подпольной организации "Растдзинад" Габуев Хазби. и тот и другой были сосланы, в частности за то, что выступали против насильного введения грузинского алфавита в Южной Осетии.
к сожалению, не могу читать поэзию на осетинском, но для более продвинутых читателей поставлю несколько (взято из блога Инала Плиева)
ТÆХУДЫ
Тæхуды фест сæрдыгон уадымс,
Æппæт Ирыстоныл æрсим,
Æмæ йæ сахъ дзыллæйыл атыхс,
Зæгъ сын дæ уарзт æмæ дæ цин!
Уæд та куы фестин Терчы донæй, -
Гъе, уыйау, Ирыл цу 'мæ цу,
Æмæ йын кæн æхсæвæй, бонæй
Йæ зæххæн уарзон пъатæ 'дзух...
ИРОН ÆВЗАГ
Хи дæ стыр буц хонын,
Сахъ ирон æвзаг.
Цал дзырды дæ зонын, -
Зарынæн мæ фаг,
Уал хуры мæм худы,
Уал цины мын ис,
Уал тыхы - мæ уды,
Уал-æхстон - мæ сис!
***
Ахстæй цæстыл уайы: искæд
Ам лæгмæ цæудзæн мæлæт, -
Къахыл бакæндзысты биркæ,
Стæй - дзæгъæл уæрмы ныгæд.
Ничи фендзæн, уый цы ран и,
Уым мæрдты бæстæй дæр - тард.
Уым дæ фæстæ ном дæр нал и,
Нал - кæйдæр цæссыджы 'ртагъд.
АХÆСТЫ БОНТÆ МЫСГÆЙÆ...
Центрaлон aхæстон, дæу зæрдæ рисгæ мысы,
Цыппар къулы 'хсæн - сыгъд æмæ уырыд.
Ам уды тых æмæ æвзыгъдад сысынц
Æмæ дзы нaл и цардмæ размæ цыд.
Ам бон ивгъуыйдзæн, стæй æхсæв æрлæудзæн,
Æхсæвы фæстæ ног æрцæудзæн бон...
Сæрибар æнхъæл азты тар рæстæгæн
Нæ уыдзæнис фæудад æмæ кæрон.
Централон ахæстон, ды электроны рухсæй
Кæрæй-кæронмæ йемыдзаг дæ 'хсæв,
Æвзонгад бабын и æфсæн дуæртты тъумсæй,
Нындзыг талант дæ фидар къулты 'хсæн.